Иоанн 9:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст34 Уыдон ын загътой: «Сӕрӕй къӕхтӕм тӕригъӕдджынӕй куы райгуырдтӕ, уӕд ды мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой. Faic an caibideil |
Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».
Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.