Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 9:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Уыцы лӕг та сын загъта: «Диссаг дӕр уый у, ӕмӕ кӕцӕй у, уый нӕ зонут, афтӕмӕй мӕн та цӕстӕй ракӕсын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 9:30
13 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».


Уыцы бон къуырматӕ фехъусдзысты тухгӕ чиныджы ныхӕстӕ, куырмыты цӕстытыл нал баддзӕн фӕлм, ӕмӕ суындзысты.


Уӕд куырмытӕн байгом уыдзысты сӕ цӕстытӕ, байгом уыдзысты къуырматӕн сӕ хъустӕ;


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


Диссаг Ӕм каст, кӕй ницы сӕ уырны, уый. Йесо зылди хӕстӕг хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.


Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ слӕууыдысты сӕ къахыл, хъотырджынтӕ сдзӕбӕх сты, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ Фарны Уац хъусынц.


Йесо сӕ разы уый бӕрц диссӕгтӕ равдыста, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты,


Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс?


Моисеимӕ Хуыцау кӕй ныхас кодта, уый мах зонӕм, фӕлӕ Ай кӕцӕй у, уымӕн ницы зонӕм».


Фӕлӕ мах зонӕм, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм кӕй нӕ хъусы, уый. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan