26 Ногӕй та йӕ бафарстой: «Уыцы Адӕймаг дын цы бакодта? Цӕстӕй дӕ цы амалӕй ракӕсын кодта?»
Ӕдылыйӕн дзуапп ратт ӕнӕзондау, науӕд йӕхимӕ зондджын кӕсдзӕн.
Ноджы ма Барухы бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, куыд ныффыстай ӕппӕт адӕттӕ? Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ?»
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, ома кӕд сабаты искӕй сдзӕбӕх кӕна, уӕд Ӕй фӕазымджын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ.
Уӕд ӕй фарстой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?»
Цӕстӕй куыд ракасти, уымӕй йӕ фарисейтӕ дӕр бафарстой. Уый сын загъта: «Уыцы Адӕймаг мын сыджыты змӕст ӕрӕвӕрдта мӕ цӕстытыл, ӕз мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ уынын райдыдтон».
Уый сын загъта: «Тӕригъӕдджын у ӕви нӕ, уымӕн ӕз ницы зонын. Ӕз иу хъуыддаг зонын — уыдтӕн куырм, ныр та уынын».
Дзуапп сын радта: «Ӕз уын ӕй загътон, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат. Уымӕ ма уӕ дыккаг хатт хъусын цӕй тыххӕй фӕнды? Ӕви сымах дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынмӕ хъавут?»