25 Уый сын загъта: «Тӕригъӕдджын у ӕви нӕ, уымӕн ӕз ницы зонын. Ӕз иу хъуыддаг зонын — уыдтӕн куырм, ныр та уынын».
Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“».
Ӕмӕ та уӕд дыккаг хатт фӕдзырдтой раздӕры куырммӕ ӕмӕ дзы домдтой: «Раст зӕгъ Хуыцауы раз. Мах зонӕм, уыцы Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый».
Ногӕй та йӕ бафарстой: «Уыцы Адӕймаг дын цы бакодта? Цӕстӕй дӕ цы амалӕй ракӕсын кодта?»
Уыцы лӕг та сын загъта: «Диссаг дӕр уый у, ӕмӕ кӕцӕй у, уый нӕ зонут, афтӕмӕй мӕн та цӕстӕй ракӕсын кодта.
Хуыцауы Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн Хуыцауы уыцы ныхас йӕ зӕрдӕйы ис. Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уый Йӕ ӕвдисы сайӕгойӕ, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕнды, Хуыцау Йӕ Фырты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхасыл.