2 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Равви, куырмӕй цӕмӕн райгуырд? Йӕхӕдӕг у тӕригъӕдджын ӕви йӕ ныййарджытӕ?»
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
Уыдон Ын загътой: «Чи зӕгъы — Аргъауӕг Иоанн у, чи — Илийа, чи та — Йеремиа кӕнӕ пехуымпартӕй исчи».
уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм арфӕтӕ кӕной ӕмӕ сӕм дзурой: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!“
Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын иу Ахуыргӕнӕг ис — Чырысти, уӕхӕдӕг та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.
Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн бабын сты?
Уыцы рӕстӕг Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бахатыдысты: «Равви, исты скомдзаг кӕн».
Йесо фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, ӕрдзӕй куырм чи уыди, ахӕм адӕймаджы.
Уыдон ын загътой: «Сӕрӕй къӕхтӕм тӕригъӕдджынӕй куы райгуырдтӕ, уӕд ды мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой.
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».