17 Уӕд та ногӕй фӕрсынц куырмы: «Ды та уыцы Адӕймаджы тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? Цӕстӕй дӕ куы ракӕсын кодта». Уый сын дзуапп радта: «Пехуымпар у».
Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».
Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.
Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый.
Йесо цы диссаг сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Ай, ӕцӕгӕйдӕр, дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, уыцы Пехуымпар у».
Цӕстӕй куыд ракасти, уымӕй йӕ фарисейтӕ дӕр бафарстой. Уый сын загъта: «Уыцы Адӕймаг мын сыджыты змӕст ӕрӕвӕрдта мӕ цӕстытыл, ӕз мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ уынын райдыдтон».
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.
Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.
Мӕн куыд сӕвӕрдта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни пехуымпар, ӕмӕ-иу уымӕ хъусут.