Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 9:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уӕд ӕй фарстой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 9:10
11 Iomraidhean Croise  

Царды комулӕфт кӕцӕй фӕзыны ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы гуыбыны сывӕллоны стджытӕ куыд сӕвзӕрын кӕны, уый куыд ничи зоны, афтӕ, алцы Кӕй архайды фӕрцы сырӕзы, уыцы Хуыцауы хъуыддӕгтӕ дӕр ничи бамбардзӕн.


Ноджы ма Барухы бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, куыд ныффыстай ӕппӕт адӕттӕ? Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ?»


Ӕхсӕвыгон кӕны фынӕй, бонӕй та сысты; уӕдмӕ мыггаг суадзы ӕвзар ӕмӕ рӕзы — куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны.


Никодим Ӕй бафарста: «Уымӕн гӕнӕн куыд ис?»


Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.


Уый сын дзуапп лӕвӕрдта: «Йесо Кӕй хонынц, Уый сыджыт сӕтимӕ сызмӕста, мӕ цӕстытӕ мын дзы байсӕрста ӕмӕ мын загъта: „Ацу Силоамы найӕнмӕ ӕмӕ дӕхи цӕхс“. Ӕз ацыдтӕн, мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ цӕстӕй ракастӕн».


Цӕстӕй куыд ракасти, уымӕй йӕ фарисейтӕ дӕр бафарстой. Уый сын загъта: «Уыцы Адӕймаг мын сыджыты змӕст ӕрӕвӕрдта мӕ цӕстытыл, ӕз мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ уынын райдыдтон».


Цӕстӕй куыд ракаст ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ чи байгом кодта, уый та нӕ зонӕм. Йӕхи йын бафӕрсут, сывӕллон нал у, йӕхӕдӕг зӕгъӕд йӕхи тыххӕй».


Ногӕй та йӕ бафарстой: «Уыцы Адӕймаг дын цы бакодта? Цӕстӕй дӕ цы амалӕй ракӕсын кодта?»


Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый у». Аннӕтӕ та: «Нӕу, фӕлӕ уый хуызӕн у». Йӕхӕдӕг та-иу загъта: «Уый ӕз дӕн».


Исчи бафӕрсдзӕн: «Куыд райгас уыдзысты мӕрдтӕ? Ӕмӕ цавӕр буары ӕрцӕудзысты?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan