1 Йесо фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, ӕрдзӕй куырм чи уыди, ахӕм адӕймаджы.
Уӕд куырмытӕн байгом уыдзысты сӕ цӕстытӕ, байгом уыдзысты къуырматӕн сӕ хъустӕ;
Фӕндаггӕрон бадтысты дыууӕ куырмы ӕмӕ, Йесо сӕ рӕзты ӕрцӕуы, уый куы фехъуыстой, уӕд хъӕр систой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
Йесо уырдыгӕй куы рараст ис, уӕд дыууӕ куырмы рацыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»
Уӕд ын Йесо йӕ фыды бафарста: «Рагӕй афтӕ у?» Уый Йын дзуапп радта: «Йӕ чысылӕй нырмӕ.
Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг йӕ цӕуынӕй не ’нцад. Йе ’ппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци.
Уыдис дзы, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы чи сади, иу ахӕм лӕг.
Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Равви, куырмӕй цӕмӕн райгуырд? Йӕхӕдӕг у тӕригъӕдджын ӕви йӕ ныййарджытӕ?»
Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзухдӕр бадгӕ кодта, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста.
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».
диссаджы хуызы цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл цыди дыууиссӕдз азӕй фылдӕр.
Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном — Еней. Уый ӕндзыгнизӕй сади — аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад.