8 Ӕмӕ та ногӕй ӕргуыбыр кодта зӕхмӕ ӕмӕ дарддӕр цыдӕртӕ фыста.
Ӕркӕнӕд аргъуыд дон дурын мигӕнӕны, Уаз Цӕрӕны астӕрдӕй сыджыт фелвасӕд ӕмӕ йӕ уыцы доны ныппарӕд.
Куы нал ӕмӕ Йӕ куынӕуал уагътой, уӕд сӕм скаст ӕмӕ сын загъта: «Ӕнӕтӕригъӕд уӕ чи у, уый йыл дур фыццаг фехсӕд».
Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сын се ’фсарм тӕрхон кӕнын райдыдта ӕмӕ куыд хистӕрӕй иу иннӕйы фӕдыл уырдыгӕй сӕхи айстой. Фӕстагмӕ ма дзы баззадысты ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ уыцы сылгоймаг.