Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Афтӕ Йӕ барӕй фарстой, цӕмӕй исты зӕгъа ӕмӕ Йӕ фӕзылынджын кӕной. Фӕлӕ Йесо ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе ’нгуылдзӕй зӕххыл цыдӕртӕ фыста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 8:6
27 Iomraidhean Croise  

Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Искӕй хъаугъамӕ йӕ дзых чи дары, уыцы фӕндаггон, куыдзӕн йӕ хъустӕм чи лӕбуры, уый хуызӕн у.


аскъуыйынӕн ӕмӕ бахуыйынӕн; хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ дзурынӕн;


О Дунедарӕг, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ! Чи Дӕ ныууадза, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты. «Йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдон зӕххы хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ ныууагътой Дунедарӕджы, цардӕгас Донгуырӕн сӕ ферох ис».


Уыцы рӕстӕг кӕцӕйдӕр фӕзындысты адӕймаджы къухы ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ паддзахы галуаны чъырӕйцагъд къулыл, цырагъдарӕны бакомкоммӕ, фыссын райдыдтой. Балтасар уый куы федта,


Тӕрхондоны искӕй чи багӕды кӕны, уый уын свӕййы ӕнӕуынон, рӕстӕвдисӕнмӕ ӕнӕввӕрсонӕй кӕсут.


Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.


Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Фӕлӕ йӕм Йесо иу ныхас дӕр не скодта. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм ӕрхатыдысты: «Байхъус ӕм, ӕмӕ ацӕуа, науӕд нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кӕны».


Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Дзы — Йӕ бафӕлварыны тыххӕй — домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.


Уӕд ӕм фарисейтӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны тыххӕй бафарстой: «Цыфӕнды азымы тыххӕй дӕр лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»


Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?


Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы фӕлваргӕйӕ, загъта:


Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»


Бацыдысты Йӕм фарисейтӕ ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны охыл бафарстой: «Лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»


Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».


Йесомӕ аивӕй сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ фӕзылын кӕной.


Ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ Йемӕ быцӕу кӕнын райдыдтой. Йӕ бафӕлварыны тыххӕй Дзы домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.


Уӕд иу динамонӕг сыстад ӕмӕ Йесойы бафӕлварыны тыххӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»


Иннӕтӕ та Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй уӕларвӕй ӕвдисӕйнаг равдисын домдтой.


Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта.


Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan