53 Ау, нӕ фыдӕл Авраам дӕр ма куы амард, уӕд Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ? Пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды Дӕхи кӕуыл нымайыс?»
Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.
Зӕгъын уын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.
Иудейӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ, Хуыцауы кӕй фауыс — адӕймаг уӕвгӕйӕ, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй».
Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауы куыд фыст ис, уымӕй мах зонӕм, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕнис, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты хъуамӕ уӕлӕмӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»
Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».
Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Йаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?»
Уӕд иудейӕгтӕ ноджы тынгдӕр Йӕ амарыныл архайын райдыдтой. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.
Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ УЫДТӔН ӕмӕ ДӔН».
Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се ’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен.