Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 8:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Йесо сын дзуапп радта: «Мӕнмӕ хӕйрӕг ницы бар дары. Ӕз Мӕ Фыды нымайын, сымах та Мӕ ӕгад кӕнут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 8:49
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы бафӕндыди Йӕ рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын — Йӕ бӕрзонд, Йӕ кадджын Ӕгъдау, сымах бафхӕргӕйӕ, равдисын.


Загъта мын: «Ды Мӕ цагъар дӕ, Израил, дӕ фӕрцы скадджын кӕндзынӕн Мӕхи».


Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низӕн йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ нӕ цӕуы — Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы Хуыцауы Фырты кад раргом уа».


Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн!»


Ӕмӕ, Мӕ ном ссаргӕйӕ, цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыды кад раргом уа.


Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый Ӕз сӕххӕст кодтон ӕмӕ Дӕ Уымӕй скадджын кодтон зӕххыл.


Адӕм ын загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?»


Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».


Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.


Ӕрдз уӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕны: нӕлгоймагӕн сӕрыхъуынтӕ уадзын ӕгад у,


байтыдӕуы ницӕйагӕй, райгас вӕййы кадджынӕй; байтыдӕуы лӕмӕгъӕй, райгас вӕййы тыхджынӕй;


Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan