47 Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы, фӕлӕ сымах Хуыцауӕй не стут ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕм нӕ хъусут».
Бирӕтӕ ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты, фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, фыдгӕнджытӕ та араздзысты фыдбылызтӕ ӕмӕ сӕ бон бамбарын ницы суыдзӕн, фӕлӕ куырыхонтӕ алцыдӕр бамбардзысты.
Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.
Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уый тыххӕй райгуырдтӕн ӕмӕ дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы».
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.
Ӕмӕ дарддӕр кодта Йӕ ныхас: «Ӕз уын уый тыххӕй загътон, Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд, зӕгъгӕ».
Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, Ӕз уый зонын, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ ныхас нӕ хъары.
Цы дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕразут.
Мӕныл та не ’ууӕндут, ӕцӕг цы у, уый уын кӕй зӕгъын, уый тыххӕй.
Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.
Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.
Чырыстийы ахуырадмӕ гӕсгӕ чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ ӕндӕр фӕндагыл цӕуы, уымӕн хай нӕй Хуыцауӕй; уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уымӕн та хай ис Фыдӕй дӕр ӕмӕ Фыртӕй дӕр.
Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта.