Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 8:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 8:39
13 Iomraidhean Croise  

Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.


Загътой йын: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын Ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут“?»


Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, Ӕз уый зонын, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ ныхас нӕ хъары.


Цы дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕразут.


Уӕ фыдӕл Авраам цин кодта, Ме ’рцыды бон Мын кӕй фендзӕнис, ууыл. Федта йӕ, ӕмӕ уыди амондджын».


Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, йӕ фӕдыл чи цыди ӕмӕ, нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ куыд ӕууӕндыди Хуыцауыл, афтӕ Йыл чи ӕууӕндыди, ӕрмӕст уыдонӕн.


Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл,


Авраамӕн дӕр йӕ байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт йе ’цӕг хъӕбултӕ не сты. Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон уыдзысты нымад дӕ байзӕддӕгтыл».


Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.


Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan