Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 8:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зӕгъын ӕмӕ уын стӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕг ӕцӕгдзинад дзуры, ӕмӕ Ӕз, Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 8:26
17 Iomraidhean Croise  

Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.


Сымахӕн ма мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ нырма уӕ бон бамбарын нӕ бауыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон.


Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: мах, цы зонӕм, ууыл дзурӕм, ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууӕм, цы федтам, уымӕн, сымах та не ’вдисӕнадыл не ’ууӕндут.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый Мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгӕй.


Уӕд Йесо, Кувӕндоны амонгӕйӕ, хъӕрӕй загъта: «Зонут Мӕ уӕдӕ, нӕ? Ӕмӕ суанг, кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут? Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн — ӕууӕндӕн Кӕуыл ис, Уый Мӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ сымах нӕ зонут.


Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын.


Йӕ Фыды тыххӕй сын кӕй дзуры, уый нӕ бамбӕрстой.


Сымах та Мӕн — Хуыцауӕй ӕцӕгдзинад Чи фехъуыста ӕмӕ уын ӕй Чи загъта, уыцы Адӕймаджы — амарынмӕ хъавут! Авраам афтӕ нӕ кодта.


Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan