Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 8:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 8:20
17 Iomraidhean Croise  

Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд. Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.


Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.


Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».


Йесо ӕрбадти Кувӕндоны хӕзнадоны бакомкоммӕ ӕмӕ кастис, адӕм дзы ӕхца куыд ӕвӕрынц, уымӕ. Хъӕздгуытӕй бирӕтӕ ӕвӕрдтой бирӕ ӕхца.


Йесо фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус се ’ппӕтӕй фылдӕр нывӕрдта хӕзнадоны.


Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.


Уӕд Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ федта, Хуыцауы номыл лӕвӕрттӕ Кувӕндоны хӕзнадоны чи ӕвӕрдта, уыцы хъӕздгуыты.


Ӕрцахсынмӕ та Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ Уый аирвӕзти сӕ къухӕй.


Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цӕмӕн домыс, сылгоймаг? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».


Бӕрӕгбон йе ’мбисыл куы уыди, уӕд Йесо бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта.


Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.


Чидӕртӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыд.


Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».


Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта.


Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan