18 Ӕз Мӕхи тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын, ӕмӕ Мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы Мӕ рарвитӕг Фыд дӕр».
Лӕг чидӕриддӕр амара — ӕвдисӕнты ныхасмӕ гӕсгӕ маргӕ у ахӕм марӕг, фӕлӕ иунӕг ӕвдисӕны ныхасӕй адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн нӕй.
Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд.
Ӕз дӕн хорз фыййау, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц.
Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».
Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».
Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын.
Ӕз уын, Мӕ Фыдмӕ цы федтон, уый тыххӕй дзурын, сымах та кӕнут, уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый».
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн».
Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ УЫДТӔН ӕмӕ ДӔН».
Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.