8 Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».
Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут сахармӕ, иу лӕгмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг зӕгъы: Мӕ рӕстӕг ӕрӕввахс ис, ӕмӕ Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“».
Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цӕмӕн домыс, сылгоймаг? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».
Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Йесо сын загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд, сымахӕн та алы афон дӕр бӕззы.
Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ Йесо баззади Галилейы.
Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Йесо уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.