52 Уый тыххӕй йын загътой: «Ды дӕр Галилейӕ дӕ? Ӕркӕс Фыстмӕ ӕмӕ фендзынӕ, Галилейӕ пехуымпар кӕй нӕ рацӕудзӕн, уый».
Уыдон ыл схъӕртӕ кодтой: «Фесӕф ардыгӕй! Ай ӕрцӕуӕггаг куы у, уӕд нын ам уынаффӕ кӕныныл цы схӕцыд? Фӕлӕуу афтӕ, мах дын ныртӕккӕ, уыдонӕн цы бакӕнинаг стӕм, уымӕй фыддӕртӕ куынӕ фӕуӕм!» Ныууырдыг сты Лотмӕ, дуар батоныныл архайынц.
Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе ’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?»
Уый йын афтӕ: «Чи дӕ баурӕдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй? Мӕн дӕр, мысыраджы куыд амардтай, афтӕ марынмӕ хъавыс?» Моисей фӕтарст, йӕхинымӕр загъта: «Бӕлвырд, уыцы хъуыддаг нӕ басусӕг ис».
Нафанаил ын дзуапп радта: «Назаретӕй дӕр хорзӕй исты рацӕудзӕн?» Филипп ын загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен».
Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.
Иннӕтӕ: «Уый Чырысти у». Аннӕтӕ та: «Ӕмӕ Чырысти, мыййаг, Галилейӕ ӕрцӕудзӕн?
[Ӕмӕ иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты.]
Уыдон ын загътой: «Сӕрӕй къӕхтӕм тӕригъӕдджынӕй куы райгуырдтӕ, уӕд ды мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой.