46 Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы Адӕймаг куыд ныхас кӕны, афтӕ никуы ничи дзырдта».
Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»
Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта.
Мӕнӕ ӕргомӕй адӕмимӕ ныхас кӕны, ӕмӕ Йын ничи ницы зӕгъы. Кӕд, мыййаг, хицӕуттӕ бӕлвырд базыдтой, Чырысти кӕй у, уый?
Адӕмы ӕхсӕн Йесойы тыххӕй цы ныхӕстӕ цӕуы, уый фарисейтӕ фехъуыстой. Ӕмӕ уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.