Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 7:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕй, Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм царди, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 7:42
17 Iomraidhean Croise  

Вифлеемы бындурӕвӕрӕг Салма, Бет-Гадеры бындурӕвӕрӕг Хареф.


Ды адӕймаджы фӕстӕмӕ сыджытмӕ раздахыс, фӕзӕгъыс адӕмӕн: «Раздӕхут сыджытмӕ!»


Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.


Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.


Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ пехуымпармӕ афтӕ фыст ис:


„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг, Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, — дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг, Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».


абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти.


Йосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй араст ис Иудеймӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды байзӕддаг уыди.


Фӕлӕ, кӕцӕй у, уый мах зонӕм. Чырысти та, куы ’рцӕуа, уӕд, кӕцӕй у, уый ничи зондзӕни».


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды».


Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?»


Саул бафарста: «Кӕй фырт дӕ, лӕппу?» Давид ын дзуапп радта: «Дӕ цагъар вифлеемаг Йессейы фырт».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan