37 Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд.
Алы бон дӕр, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ, Хуыцауы дины чиныг кастысты. Сӕ бӕрӕгбон ахаста авд боны. Ӕстӕм бон та сын, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нысангонд уыди кадджын ӕмбырд.
Мӕ фыдгултыл мын ныффалгӕрон кӕн арвӕрттывдтӕй, лидзӕг сӕ фӕкӕн Дӕ фаттӕй.
Ды — мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ хъару. Цӕмӕн мӕ ныууагътай? Цӕмӕн згъалын мӕ цӕссыг ме знаджы ӕфхӕрдӕй?
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
Сахары уынгты Уӕлзонды хъӕлӕс хъуысы, фӕзты хъӕр кӕны,
Уый Уӕлзонды сидт нӕу, цымӕ? Зонды хъӕлӕс нӕ азӕлы?
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
сахары кулдуары цур йе ’рдиаг хъуысы, сахармӕ бацӕуӕны раз хъӕр кӕны:
Уый фӕстӕ йӕ унӕутты арвыста, цӕмӕй сахары уӕлвӕзтӕй хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕной:
— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!
Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон.
Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»
Цавӕрдӕр хъӕлӕс мын загъта: «Рахабар кӕн дӕ адӕмӕн!» Ӕз бафарстон: «Цы сын рахабар кӕнон?» «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, рӕсугъдӕй та — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс.
Донмӕ бӕллӕджы Ӕз донхорыг скӕндзынӕн, ӕнӕ донӕй баруайӕджы бафсаддзынӕн донӕй. Уӕ мыггаджы уын Мӕ Уды фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, Мӕ арфӕ уын ӕруадздзынӕн уӕ фӕстагӕттыл.
«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!
О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.
Ацу ӕмӕ Йерусалимы хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз хъуыды кӕнын, де ’взонджы бонты Мыл куырдуаты бадӕг чызгау ӕнувыд кӕй уыдтӕ, уый, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕнӕконд зӕхмӕ, рацыдтӕ Мӕ фӕдыл.
Дыууӕ гуылфӕны денджызмӕ кӕм бакӕлой, уыцы ран алы змӕлӕгойтӕй байдзаг уыдзӕн, бирӕ дзы уыдзӕни кӕсӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ ацы дон бакӕлдзӕни уырдӕм ӕмӕ денджызы дон суыдзӕни ӕнӕнизгӕнӕг. Ацы дон кӕдӕм бакӕла, уым уыдзӕни цард.
Авд боны дӕргъы Дунедарӕгӕн хӕссут нывӕндтӕ. Ӕстӕм бон-иу уазӕмбырд скӕнут, Дунедарӕгӕн арты нывӕндтӕ ӕрхӕссут. Уый у бӕрӕгбоны фӕстаг бон, мацы-иу бакусут.
Ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бонӕй, уӕ тыллӕг ӕфснайд куы фӕуат, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ-иу авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы бӕрӕгбон. Фыццаг бон дӕр ӕмӕ ӕстӕм бон дӕр уын уӕнт ӕнцойбонтӕ.
Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ, стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.
Ӕстӕм бон уын уӕд уазӕмбырд; мацы куыст кӕнут.
Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.
Иоанн уыди, пехуымпар Исайа рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ“».
Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
Уый сын дзуапп радта пехуымпар Исайайы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг быдыры фидиуӕджы хъӕлӕс: „Сӕмраст кӕнут Бардарӕгӕн Йӕ фӕндаг“».
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».
Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис?
Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».
Фӕлӕ уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын.
Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг никуы сыстонг уыдзӕн ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн.
Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ Мӕ Буар у ӕцӕг хойраг, Мӕ Туг та — ӕцӕг нозт.
Уӕд Йесо, Кувӕндоны амонгӕйӕ, хъӕрӕй загъта: «Зонут Мӕ уӕдӕ, нӕ? Ӕмӕ суанг, кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут? Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн — ӕууӕндӕн Кӕуыл ис, Уый Мӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ сымах нӕ зонут.
Бардарӕджы кӕхцӕй дӕр нуазат ӕмӕ дӕлимонты кӕхцӕй дӕр, уый уын не ’мбӕлы. Бардарӕджы фынгыл дӕр бадат ӕмӕ дӕлимонты фынгыл дӕр, уый уын не ’мбӕлы.
Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.
Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Мӕ Тугӕй фидаргонд ног фидыд. Кӕдфӕнды дӕр дзы ма нуазат — Мӕ ӕрымысынӕн нуазут».
Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕтыл дӕр — иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтыл, цагъартӕ ӕмӕ сӕрибар адӕмыл — иу Удӕй саргъуыдӕуыд ӕмӕ иу буар систӕм, не ’ппӕтӕн дӕр уыциу Уд рардӕуыди.
Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.
Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.
Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,
Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.