32 Адӕмы ӕхсӕн Йесойы тыххӕй цы ныхӕстӕ цӕуы, уый фарисейтӕ фехъуыстой. Ӕмӕ уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.
Уӕд фарисейтӕ рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта ӕмӕ Йӕхи айста уырдыгӕй.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.
Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йӕ фӕдыл. Бацыд алчеры кӕртмӕ ӕмӕ уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти, цӕмӕй фена, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый.
Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ ацыдысты фарисейтӕм ӕмӕ сын, Йесо цы бакодта, уый тыххӕй радзырдтой.
Фарисейтӕ та кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уынут, куыд ницы нын ӕнтысы! Ӕгас дуне Йӕ фӕдыл цӕуы!»
Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, стӕй, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, кувӕндоны уыцы лӕггадгӕнджыты, ӕмӕ уыдон ӕрбацыдысты уырдӕм хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ.
Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй.
Ӕмӕ Саул йӕ чапарты арвыста Давиды ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ уыдон пехуымпарты къорды, Самуел сӕ сӕргъы, афтӕмӕй пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд схайджын сты Хуыцауы Удӕй ӕмӕ уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.