Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕд Йесойӕн Йе ’фсымӕртӕ загътой: «Ам мауал лӕуу, Иудеймӕ ацу. Уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уый сӕхи цӕстӕй феной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 7:3
17 Iomraidhean Croise  

Цӕй ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый».


Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.


Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.


Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.


Уӕд Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ. Дуармӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ Йӕм бадзурын кодтой.


Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Йӕм сӕ бон адӕмы ’хсӕнты бацӕуын нӕ уыди.


Чидӕр Ын загъта: «Дӕ мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Дӕу фенын сӕ фӕнды».


Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Уыдӕттӕм хъусын кӕй бон у?»


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕ бирӕтӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ныууагътой ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты.


Фӕлӕ Йе ’фсымӕртӕ куы ацыдысты, уӕд Уый дӕр араст ис уырдӕм, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ — куыд ничи Йӕ базыдтаид, афтӕ.


Номдзыд уӕвын кӕй фӕнды, уый сусӕгӕй ницы аразы. Кӕд Ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс, уӕд Дӕхи равдис дунемӕ».


Суанг ма Йыл Йе ’фсымӕртӕ дӕр не ’ууӕндыдысты.


Уӕд Петр иннӕ иуӕндӕс апостолимӕ ӕрлӕууыд адӕмы раз ӕмӕ сын, алчидӕр ӕй куыд хъуса, афтӕ хъӕрӕй дзурын райдыдта: «Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ! Лӕмбынӕг мӕм ӕрбайхъусут ӕмӕ йӕ бамбарат.


Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan