Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 7:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Ӕз та Йӕ зонын, уымӕн ӕмӕ Ӕз Уымӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ Мӕ Уый рарвыста».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 7:29
13 Iomraidhean Croise  

Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.


Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.


Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын Мӕ фысты сӕраппонд.


Ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо, Йӕ Фыд Ын ӕппӕт дӕр Йӕ къухмӕ кӕй радта, Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ,


Ды Мӕн дунемӕ куыд рарвыстай, афтӕ сӕ Ӕз дӕр арвыстон дунемӕ.


Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ Фыды исчи федта. Хуыцауӕй Чи у, Фыды ӕрмӕстдӕр Уый федта.


Сымах Ӕй нӕ базыдтат, Ӕз та Йӕ зонын. Ӕмӕ Йӕ нӕ зонын, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд сымахау фӕлитой уыдзынӕн. Фӕлӕ Йӕ Ӕз зонын ӕмӕ Йын Йӕ ныхас ӕххӕст кӕнын.


Уымӕн ӕмӕ нын Цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдимӕ чи уыди ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы Царды тыххӕй.


Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн.


Хуыцау мах кӕй уарзы, уый нын уымӕй раргом, ӕмӕ Йӕ иунӕг Фырты рарвыста дунемӕ, махӕн Йӕ фӕрцы цард куыд уа, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan