Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 7:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Фӕлӕ, кӕцӕй у, уый мах зонӕм. Чырысти та, куы ’рцӕуа, уӕд, кӕцӕй у, уый ничи зондзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 7:27
14 Iomraidhean Croise  

Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.


Ӕрцахстой Йӕ ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой. Айстой Йын Йӕ цард, Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй Йӕ амардтой. О, фӕлӕ адӕмӕй Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?


Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.


Сӕ фӕтӕг уыдзӕни сӕхицӕй, се ’хсӕнӕй рацӕудзӕн. Ӕз ӕй Мӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Йӕхи фӕндӕй Мӕм хӕстӕг ӕрбацӕуын чи бауӕнддзӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.


Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»


Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»


Иудейӕгтӕ дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ахуыр куы никуы кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд хорз зоны?»


Моисеимӕ Хуыцау кӕй ныхас кодта, уый мах зонӕм, фӕлӕ Ай кӕцӕй у, уымӕн ницы зонӕм».


Бафхӕрдтой Йӕ, раст тӕрхон Ын нӕ рахастой. Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын чи цы зоны, кӕд ӕмӕ Йын айстой Йӕ цард зӕххӕй?».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan