20 Адӕм ын загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?»
Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?
Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый, бӕлвырд, дӕлимонты се ’лдар Веелзевулы хъаруйӕ суры».
Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ».
Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ чидӕртӕ дзырдтой, цыма йӕ мидӕг ис ӕнӕзӕгъинаджы уд.
Иутӕ дзырдтой: «Ай хӕйрӕджыты сайд у ӕмӕ сӕнттӕ цӕгъды. Цы йӕм хъусут?»
Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?»
Йесо сын дзуапп радта: «Мӕнмӕ хӕйрӕг ницы бар дары. Ӕз Мӕ Фыды нымайын, сымах та Мӕ ӕгад кӕнут.
Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Ныр мах бӕлвырд зонӕм, Ды хӕйрӕджы ахӕсты кӕй дӕ, уый. Суанг ма Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды афтӕ куыд зӕгъыс, Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ?
Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фыр ахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».