2 Ӕрхӕстӕг ис иудейаг бӕрӕгбон — Халагъудты бӕрӕгбон.
Ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ паддзах Соломонмӕ ӕрӕмбырд сты Халагъудты бӕрӕгбоны рӕстӕг. Уый уыди етанимы мӕй, ӕвдӕм мӕй.
Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.
Ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ скодтой Халагъудты бӕрӕгбон ӕмӕ, цас ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбон дӕр хастой бӕрӕгбӕрц иууылсудзинӕгтӕ.