Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 7:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 7:18
19 Iomraidhean Croise  

Мыдӕн йӕ бирӕ хӕрд пайда куыд нӕу, афтӕ ’ппӕлӕн ныхасмӕ бӕллын дӕр хорз нӕу.


Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уыцы ӕнувыдӕй мӕ сӕрыл хӕцыс, мыййаг? Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕджы адӕм иууылдӕр пехуымпартӕ куы уаиккой! Тӕхуды, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куы схайджын кӕнид Йӕ Удӕй!»


Кувгӕ та кӕнут афтӕ: Нӕ Уӕларвон Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном!


Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низӕн йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ нӕ цӕуы — Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы Хуыцауы Фырты кад раргом уа».


Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн!»


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕй сын зӕххон кад зынаргъдӕр уыди.


Мӕн адӕмӕй кад нӕ хъӕуы,


Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Мӕхӕдӕг Мӕхицӕн дӕн кадгӕнӕг, уӕд Мӕ кад ницы у. Фӕлӕ сымах уӕ Хуыцау Кӕй хонут, Уый Мӕнӕн у Мӕ Фыд ӕмӕ Мӕ Кадгӕнӕг.


Адӕмӕй — сымах уат ӕви ӕндӕр исчи — нӕхицӕн кад нӕ агуырдтам.


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan