Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 7:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый Мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 7:16
14 Iomraidhean Croise  

Ау, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый дӕ нӕ уырны? Ӕз уын цы зӕгъын, уый Мӕхи номӕй нӕ дзурын — Мемӕ иу Чи у, Уыцы Фыд аразы Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Мӕн чи нӕ уарзы, уый Мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны. Сымах цы ныхас хъусут, уый та Мӕнӕй нӕ, фӕлӕ Мӕ рарвитӕг Фыдӕй у.


Ӕз сын ӕрхастон Дӕ ныхас, ӕмӕ сӕ дуне йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ, Ӕз ацы дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты.


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.


Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: мах, цы зонӕм, ууыл дзурӕм, ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууӕм, цы федтам, уымӕн, сымах та не ’вдисӕнадыл не ’ууӕндут.


Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй дӕр уӕлдӕр у; зӕххӕй чи у, уый та зӕххон у ӕмӕ ныхас кӕны зӕххонау. Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй уӕлдӕр у.


Мӕнӕн Мӕхи фӕндӕй мӕ бон саразын ницы у. Куыд загъд Мын уыди, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уый.


Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ рарвитӕг Фыд Мӕм ӕй куынӕ ӕрбакӕна, уӕд. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.


Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: уый Ӕз дӕн ӕмӕ Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.


Чырыстийы ахуырадмӕ гӕсгӕ чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ ӕндӕр фӕндагыл цӕуы, уымӕн хай нӕй Хуыцауӕй; уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уымӕн та хай ис Фыдӕй дӕр ӕмӕ Фыртӕй дӕр.


Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan