Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейыл та Йӕ нӕ фӕндыди цӕуын, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейӕгтӕ хъавыдысты амарынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 7:1
19 Iomraidhean Croise  

Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.


Фӕлӕ йын ӕххуырст кусджытӕ йӕ фырты куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай йӕ бындар у. Амарӕм ӕй ӕмӕ йын йӕ бынтӕ нӕхи бакӕнӕм“.


Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ уый фехъуыстой ӕмӕ агуырдтой Йӕ амарыны фадат. Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуырад ӕппӕт адӕмы дисы ӕфтыдта, ӕмӕ Дзы тарстысты.


Иудейӕгтӕ Йерусалимӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты Иоаннмӕ, ды чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ куы арвыстой,


уӕд ныууагъта Иудейы бӕстӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти Галилеймӕ.


Афтӕ Йесо дыккаг хатт, Иудейӕ Галилеймӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, сарӕзта диссаг.


Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.


Иудейӕгтӕ Йӕ агуырдтой бӕрӕгбоны ӕмӕ фарстой: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?»


Ӕниу, иудейӕгтӕй тӕрсгӕйӕ, Йесойы тыххӕй ӕргомӕй ничи ницы дзырдта.


Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Фӕлӕ уыцы Ӕгъдауы домӕнтӕ сымахӕй ничи ӕххӕст кӕны. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?»


Йерусалимы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Ай, марынмӕ кӕй агурынц, уыцы адӕймаг нӕу?


Иудейӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уагӕр кӕдӕм у цӕуинаг, мах Ӕй кӕм не ссардзыстӕм? Кӕд, мыййаг, бердзенӕгты ’хсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуынвӕнд кӕны, цӕмӕй уым бердзенӕгты ахуыр кӕна?


Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, Ӕз уый зонын, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ ныхас нӕ хъары.


Сымах та Мӕн — Хуыцауӕй ӕцӕгдзинад Чи фехъуыста ӕмӕ уын ӕй Чи загъта, уыцы Адӕймаджы — амарынмӕ хъавут! Авраам афтӕ нӕ кодта.


Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan