Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 6:71 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

71 Йесо афтӕ Иудӕйӕ, Симон Искариоты фыртӕй, загъта. Уымӕн ӕмӕ Йыл Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, фӕстӕдӕр гадзрахатӕй рацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 6:71
19 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.


Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: фыццаг — фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн,


Симон Кананит ӕмӕ Иудӕ Искариот — Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.


Уӕд Иудӕ Искариот, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, ацыдис алчертӕм, цӕмӕй сын Йесойы сӕ къухмӕ ратта.


Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иу, фӕстӕдӕр Ыл гадзрахатӕй чи рацыди, уый, Иудӕ Искариот, загъта:


Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.


Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Къӕбӕр цӕхдоны атылдта ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ.


Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ.


Йесо куы ӕрбацыд, уӕд дыууадӕсӕй иу, Фома, фӕсномыгӕй — Фаззон, семӕ нӕ уыд.


Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.


Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».


Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.


Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan