Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 6:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ дӕр кӕрдзын не сфаг уыдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 6:7
10 Iomraidhean Croise  

Уый бадис кодта: «Сӕдӕ лӕджы бафсадынӕн уый цы у?» Елисей та йын зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой! Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, бафсӕддзысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууадздзысты».


Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.


Йесо сын дзуапп радта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон Ын загътой: «Уӕд та мах ацӕуиккам ӕмӕ ацы адӕмы бафсадынӕн иу-дыууӕсӕдӕ динары аргъ дзул балхӕниккам?»


Дыккаг бон Йесо Галилеймӕ цӕуынвӕнд скодта. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».


Филипп та уыди Вифсаидӕйӕ, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахарӕй.


Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».


Нафанаил ын дзуапп радта: «Назаретӕй дӕр хорзӕй исты рацӕудзӕн?» Филипп ын загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен».


Нафанаил Ӕй бафарста: «Ды мӕ кӕцӕй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дӕм нӕма фӕдзырдта, афтӕ дӕ Ӕз федтон легъуи бӕласы бын».


«Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди ӕртӕсӕдӕ динарыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхца мӕгуыртыл байуарӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan