68 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ куы сты мыггагмӕйы царддӕттӕг ныхӕстӕ.
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».
Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ».
Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ Чи ӕнхъӕлут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырысти».
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи номӕй нӕ дзырдтон: цы зӕгъон ӕмӕ цы дзурон, уый Мын Мӕ рарвитӕг Фыд бафӕдзӕхста,
ӕмӕ Ӕз зонын: Йӕ фӕдзӕхст у мыггагмӕйы цард. Ӕз дзурын, Мӕ Фыд Мын цы бафӕдзӕхста, ӕрмӕстдӕр уый».
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».
Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.
Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Ацы уац ирвӕзындзинадыл дзуры ӕмӕ махӕн ӕрвыст у.
Ӕндӕр никӕй бон у ирвӕзындзинад раттын, уымӕн ӕмӕ арвы бын иунӕг ӕндӕр ном дӕр нӕй, фервӕзӕн нын кӕй фӕрцы ис».
«Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн ног царды тыххӕй алцыдӕр дзурут».
Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.
[Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]