Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 6:64 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

64 Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 6:64
20 Iomraidhean Croise  

Симон Кананит ӕмӕ Иудӕ Искариот — Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.


Фӕлӕ не ’ууӕндут, уымӕн ӕмӕ сымах — куы ма уын ӕй загътон — Мӕ фыстӕй не стут.


Цыдӕриддӕр Ыл ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ, Йесо сӕ размӕ рацыд ӕмӕ бафарста: «Кӕй агурут?»


уымӕн ӕмӕ уӕ зонын: сымах Хуыцауы нӕ уарзут.


Фӕлӕ ма уын амӕй размӕ дӕр куы загътон: федтат Мӕ, фӕлӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Уыдӕттӕм хъусын кӕй бон у?»


Йесо зыдта, ахуыргӕнинӕгтӕ, Йӕ ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, сӕхинымӕр хъуыр-хъуыр кӕй кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый уӕ къуылымпы кӕны?


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕ бирӕтӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ныууагътой ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты.


Йесо сын загъта: «Сымах ацы зӕххӕй стут, Ӕз та — уӕларвӕй. Сымах стут ацы дунейӕ, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.


Сымах Ӕй нӕ базыдтат, Ӕз та Йӕ зонын. Ӕмӕ Йӕ нӕ зонын, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд сымахау фӕлитой уыдзынӕн. Фӕлӕ Йӕ Ӕз зонын ӕмӕ Йын Йӕ ныхас ӕххӕст кӕнын.


ӕппӕт уыдӕттӕ рагзаманы Чи раргом кодта, Уый“.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йесо уа фыццаг зӕнӕг.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan