62 Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты, раздӕр кӕм уыди, уырдӕм ссӕугӕ куы фенат, уӕд та?
Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
Уыдӕттӕ зӕгъыны фӕстӕ Бардарӕг Йесо уӕларвмӕ Йӕхи систа ӕмӕ уым Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти.
Арфӕгӕнгӕйӕ сӕ адард ис ӕмӕ уӕларвмӕ ссыди.
Ӕз Мӕ Фыдӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ӕрцыдтӕн ацы дунемӕ; ныр ӕй уадзын ӕмӕ цӕуын Мӕ Фыдмӕ».
Ӕз ныр дунейы нал дӕн, фӕлӕ уыдон дунейы сты, Ӕз та Дӕумӕ цӕуын. Мӕ Сыгъдӕг Фыд! Бахъахъхъӕн сӕ, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ, Мах иу куыд стӕм, афтӕ уыдон дӕр иу куыд уой.
Ничима ссыди уӕларвмӕ, уырдыгӕй Чи ӕрцыд, Уымӕй фӕстӕмӕ, — Уый у Адӕймаджы Фырт.
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»
Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты Буар куынӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куынӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕлӕрвтӕм, ӕмӕ йӕ ӕврагъ бамбӕхста.
Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.