60 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Уыдӕттӕм хъусын кӕй бон у?»
Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».
Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.
Уӕд иудейӕгтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой: «Ай нын Йӕ Буар куыд ратдзӕни хӕрынмӕ?»
Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕ бирӕтӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ныууагътой ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты.
Уӕд Йесойӕн Йе ’фсымӕртӕ загътой: «Ам мауал лӕуу, Иудеймӕ ацу. Уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уый сӕхи цӕстӕй феной.
Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут
Цы дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕразут.
Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.
Афтӕ Павел фыссы йе ’ппӕт фыстӕджыты, уыдӕтты кой куы фӕкӕны, уӕд. Йӕ фыстыты ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ ӕнӕфенд ӕмӕ, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц Сыгъдӕг Фысты иннӕ хӕйттау ӕмӕ уый аххосӕй фесӕфынц.