59 Йесо уыдӕттӕ дзырдта, Капернаумы синагогӕйы куы амыдта, уӕд.
Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.
Ӕрцыд галилейаг сахар Капернауммӕ ӕмӕ сабаты ахуыр кодта адӕмы.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон.
сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг ис, фӕлӕ Йесо семӕ нӕма уыд.
Нӕдӕр Йесо, нӕдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым не сты, адӕм уый куы федтой, уӕд сбадтысты бӕлӕгъты ӕмӕ Йесойы агурӕг бахӕццӕ сты Капернауммӕ.