Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 6:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 6:42
13 Iomraidhean Croise  

Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.


Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»


Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».


Ничима ссыди уӕларвмӕ, уырдыгӕй Чи ӕрцыд, Уымӕй фӕстӕмӕ, — Уый у Адӕймаджы Фырт.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.


Йесо сын загъта: «Мӕсты ма кӕнут.


Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты, раздӕр кӕм уыди, уырдӕм ссӕугӕ куы фенат, уӕд та?


Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се ’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен.


Фыццаг адӕймаг у зӕххон, сыджытӕй конд, дыккаг Адӕймаг та — уӕларвон.


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan