4 Ӕрхӕстӕг ис Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон.
Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕизӕрастӕу — Дунедарӕджы Куадзӕн.
Фыццаг бон-иу уазӕмбырд скӕнут, мацы-иу бакусут.
Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.
Куадзӕнмӕ ма ӕхсӕз боны уыди, афтӕ Йесо ӕрбацыди Вифанимӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры хӕдзармӕ.
Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.
Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.
Уый фӕстӕ уыди иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.
Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.