36 Фӕлӕ ма уын амӕй размӕ дӕр куы загътон: федтат Мӕ, фӕлӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут.
Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас уа, ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты“».
Йесо сӕ разы уый бӕрц диссӕгтӕ равдыста, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты,
Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: диссӕгтӕ кӕй федтат, уый тыххӕй Мӕ нӕ агурут, фӕлӕ, кӕрдзын кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй.
Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй Дыл, уый фенгӕйӕ, баууӕндӕм? Цы саразын у Дӕ бон?
Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».
Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.