Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 6:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг никуы сыстонг уыдзӕн ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 6:35
17 Iomraidhean Croise  

Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.


Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.


Сар уӕ сӕр, абоны фырӕфсӕстытӕ, — сымах сыстонг уыдзыстут. Сар уӕ сӕр, абоны цингӕнджытӕ, — сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут.


Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй дойны ма кӕнон ӕмӕ ардӕм дон хӕссынмӕ мауал цӕуон».


Фӕлӕ уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын.


Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.


Уӕд Ыл иудейӕгтӕ, «Ӕз уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул дӕн» кӕй загъта, уый тыххӕй хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой.


Ӕмӕ дарддӕр кодта Йӕ ныхас: «Ӕз уын уый тыххӕй загътон, Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд, зӕгъгӕ».


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Уыдон нал ӕвзардзысты нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны, хур сӕ нал судздзӕн, ӕмӕ сӕ ӕнтӕф нал бахъыгдардзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan