Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 6:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Зӕгъӕм, нӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ хордтой, фыст куыд у, афтӕ: „Уӕларвӕй сын дзул радта хӕрынӕн“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 6:31
14 Iomraidhean Croise  

Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.


Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.


Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Йӕ адӕммӕ, ӕлгъ кӕнын райдыдта Йӕ исбоныл.


Цалынмӕ израилӕгтӕ Ханаанмӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры маннӕйӕ цардысты.


Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕларвӕй уын дзул Моисей нӕ радта, фӕлӕ уын Мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул уӕларвӕй.


Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ хордтой ӕмӕ уӕддӕр амардысты.


Ахӕм у уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ ӕмӕ уӕддӕр амардысты; ацы дзул та ахӕм нӕу — чи дзы хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ».


Се ’ппӕт дӕр хордтой уыциу монон хойраг.


Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.


Ацы зӕххы хойрагӕй куы фӕхъӕстӕ сты, уӕд, Куадзӕны фӕстӕ цы бон ралӕууыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уӕларвӕй маннӕ нал хауди. Израилӕгтӕ уыцы азӕй фӕстӕмӕ маннӕйы бӕсты хордтой ханаанаг зӕххы бӕркад.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan