30 Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй Дыл, уый фенгӕйӕ, баууӕндӕм? Цы саразын у Дӕ бон?
Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг тӕккӕ уыцы бон равдыста нысан. Загъта: «Мӕнӕ, ацы ныхас Дунедарӕг кӕй загъта, уый нысан: ныртӕккӕ ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы сойдзыд фӕнык ис, уый ӕркӕлдзӕн».
Нывондхӕссӕн афасти, йӕ сойдзыд фӕнык йӕ сӕрӕй ракалд, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, Дунедарӕджы ныхасӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг цы нысан загъта, уый.
Дунедарӕг загъта: «Фыццаг диссаг куы ницӕмӕ ӕрдарой ӕмӕ дыл куынӕ баууӕндой, уӕддӕр сӕ дыккаг диссаг баууӕндын кӕндзӕн.
«Фараон уӕ, диссаг равдисут, зӕгъгӕ, куы дома, уӕд-иу Ааронӕн йӕ лӕдзӕг фараоны раз аппарын кӕн, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестдзӕн».
Уыдон зӕгъынц: «Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон, цӕмӕй Йын ӕй фенӕм, сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд, ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»
Чырысти, Израилы Паддзах! Ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй Йӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыдон дӕр Ӕй фаудтой.
Ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ Йемӕ быцӕу кӕнын райдыдтой. Йӕ бафӕлварыны тыххӕй Дзы домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый».
Йесо сӕ разы уый бӕрц диссӕгтӕ равдыста, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты,
Уӕд Ӕй иудейӕгтӕ бафарстой: «Ахӕм бартӕ Дӕм кӕй ис, ууыл нӕ цӕмӕй баууӕндын кӕндзынӕ?»
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты.
Йесо цы диссаг сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Ай, ӕцӕгӕйдӕр, дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, уыцы Пехуымпар у».
Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уый.
Фӕлӕ ма уын амӕй размӕ дӕр куы загътон: федтат Мӕ, фӕлӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут.
Дӕ къух радар ӕмӕ Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕн рынчынты, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдис».
Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ диссӕгтӕ домынц, бердзенӕгтӕ зонд агурынц,
Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.