3 Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уым бадти.
Адӕмы куы ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди хибарӕй скувынмӕ ӕмӕ, куы баизӕр, уӕд дӕр ма уым уыдис иунӕгӕй.
Йесо араст ис уырдыгӕй, ӕрцыди Галилейы денджызгӕронмӕ, ссыди хохмӕ ӕмӕ уым ӕрбадти.
Уый бӕрц адӕм фенгӕйӕ, Йесо ссыди хохы сӕрмӕ. Куы ӕрбадти, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты,
Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ, кӕмӕ Йӕ фӕндыд, уыдонмӕ фӕсидти. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты.
Уыцы ныхӕстыл иу аст боны куы рацыди, уӕд Йесо Йемӕ ахуыдта Петр, Иоанн ӕмӕ Йаковы ӕмӕ хохмӕ ссыди кувынмӕ.
Йесо базыдта, адӕм Ӕм ӕрбацӕуинаг кӕй сты, уый — паддзахӕй Йӕ сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ иунӕгӕй фӕстӕмӕ хохмӕ ссыди.