20 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут».
Ныббуц вӕййы йӕхицӕй, цыма йӕ азым базыдта ӕмӕ дзы йе сӕфт федта, уыйау.
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.
Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут. Уӕхӕдӕг Мын ӕвдисӕн стут — цы хабӕрттӕ цӕуы ныртӕккӕ, ӕппӕт уыдон уын рагагъоммӕ исты Ӕз нӕ дзырдтон? Мӕн йеддӕмӕ чи у Хуыцау? Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕ зонын Ӕз».
Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
Уымӕн ӕмӕ Йӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ фӕтарстысты. Фӕлӕ сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».
Фондз ӕмӕ ссӕдз — дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы бӕрц куы адард сты, уӕд Ӕй суыдтой: Йесо, денджызыл къахӕй цӕугӕйӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ фӕтарстысты.
Фӕндыди сӕ, цӕмӕй Йӕ бӕлӕгъы сбадын кӕной, фӕлӕ бӕлӕгъ тӕккӕ уыцы уысм бахӕццӕ ис, сӕ фӕндаг кӕдӕм уыди, уыцы былгӕронмӕ.