2 Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уый.
Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта,
Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон.
Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.
Йесо хохӕй дӕлӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм.
Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.
Фӕлӕ сӕ уӕддӕр уынӕг фӕци, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ базыдтой. Уыйадыл ӕппӕт сахартӕй адӕм фистӕгӕй атындзыдтой ӕмӕ сӕ разӕй фесты.
Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.
Адӕм Йӕ размӕ дӕр уый тыххӕй рацыдысты, ӕмӕ фехъуыстой, Йесо уыцы диссаг кӕй сарӕзта, уый.
Йесо сӕ разы уый бӕрц диссӕгтӕ равдыста, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты,
Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.
Куадзӕны бӕрӕгбоны Йесо Йерусалимы куы уыди, уӕд цы диссӕгтӕ ӕвдыста, уыдон бирӕтӕ федтой ӕмӕ Йыл баууӕндыдысты.
Ацы чиныджы сӕ кой дӕр кӕмӕн нӕй, бирӕ ахӕм диссӕгтӕ ма равдыста Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».
Йесо цы диссаг сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Ай, ӕцӕгӕйдӕр, дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, уыцы Пехуымпар у».
Денджызы иннӕ былыл чи баззади, уыцы адӕмӕн дыккаг бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, знон былгӕрон иунӕг бӕлӕгъ йеддӕмӕ кӕй нӕ уыди, уый. Уыдон зыдтой: Йесо ахуыргӕнинӕгтимӕ уыцы бӕлӕгъы не сбадти — иунӕгӕй аленк кодтой.
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: диссӕгтӕ кӕй федтат, уый тыххӕй Мӕ нӕ агурут, фӕлӕ, кӕрдзын кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй.
Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй Дыл, уый фенгӕйӕ, баууӕндӕм? Цы саразын у Дӕ бон?