Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Йесо райста кӕрдзынтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ адӕмыл райуӕрста. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уый бӕрц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 6:11
13 Iomraidhean Croise  

райста авд дзулы ӕмӕ кӕсӕгтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой адӕмыл.


Ӕмӕ Йесо фынгыл семӕ куы ӕрбадти, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта.


Йесо сын загъта: «Уӕ ногахст кӕсӕгтӕй дӕр ма иу цалдӕр рахӕссут».


Йесо бацыди, райста дзул ӕмӕ сӕм ӕй радта, стӕй кӕсаг дӕр.


Былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт цӕхӕрӕй судзы, зынджыты уӕлӕ — кӕсаг, йӕ фарсмӕ та — дзул.


Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.


«Ам иу лӕппумӕ ис фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у уый бӕрц адӕмӕн?»


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел райста дзул, се ’ппӕты раз арфӕ ракодта Хуыцауӕн, асаста йӕ ӕмӕ райдыдта хӕрын.


Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нымайы. [Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нӕ нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нӕ нымайы.] Чи хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн хӕры, уымӕн ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн. Чи нӕ хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн нӕ хӕры, ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн.


Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.


Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг ут Хуыцауӕй. Сымахмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕм, Хуыцау уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд ӕй уайтагъд ссардзыстут. Фӕтагъд кӕнут, цалынмӕ кувӕн къуыбырмӕ нӕма ссыди куывдмӕ, уӕдмӕ. Ӕнӕ уымӕй куывддзау адӕм нӕ саходдзысты — уый нывонд куы ныххӕлар кӕна, ӕрмӕст уӕд райдайдзысты хӕрын. Цӕут ӕмӕ йӕ баййафдзыстут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan