1 Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.
Шефамӕй ацӕудзӕни Аины скӕсӕнварс Ривламӕ, Киннереты денджызы былмӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Йесо араст ис уырдыгӕй, ӕрцыди Галилейы денджызгӕронмӕ, ссыди хохмӕ ӕмӕ уым ӕрбадти.
Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕйӕ, — Симоны, хуыдтой ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Андрейы, — уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ.
Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой.
Уый фӕстӕ та Йесо ногӕй фӕзынди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Уый уыди Тивериадӕйы денджызы был. Хабар уыди афтӕ.
Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.
Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейыл та Йӕ нӕ фӕндыди цӕуын, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейӕгтӕ хъавыдысты амарынмӕ.
Уӕд ӕй фарстой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?»
стӕй Иорданы скӕсӕйнаг тӕрфрӕбын Киннереты денджызӕй хуссарӕрдӕм, Мард денджызы онг, Бет-Йешимотмӕ ӕмӕ Фасгайы хохы фӕхстӕм.