9 Ӕмӕ уыйадыл рынчын адзӕбӕх ис, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ ацыди. Уыцы цау ӕрцыди сабаты.
асӕррӕтт кӕндзӕни сагау къуылых, гоби чи уыди, уый цины хъӕр сисдзӕн. Фестдзӕни суадӕтты гуырӕн сыгъд быдыр, тыгъд быдыр — цӕугӕдӕтты бӕстӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кӕд уӕ удӕгасӕй баззайын фӕнды, уӕд сабаты Йерусалимы кулдуӕртты уылты мацы хӕссут.
Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.
Хъотырджын уайтагъд фервӕзти йӕ низӕй ӕмӕ ссыгъдӕг ис.
Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ Йесойы фӕдыл ацыди.
Туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад, ӕмӕ сылгоймаг банкъардта, йӕ низӕй кӕй фервӕзти, уый.
Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ».
Ӕмӕ кӕд Моисейы Ӕгъдау ма фехалыны тыххӕй адӕймагӕн сабаты сунӕт кӕнынц, уӕд Ӕз рынчыны къахӕй сӕрмӕ сабаты кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм цӕмӕн смӕсты стут?
Йесо сыджыт куы сызмӕста ӕмӕ йӕ цӕстӕй куы ракӕсын кодта, уӕд уыди сабат.